Измыры зæххæнкуысты фæстиуæгæн фæмардуæвджыты нымæц 102-ы онг фæфылдæр ис
Измыры зæххæнкуысты фæстиуæгæн фæмардуæвджыты нымæц ахæццæ ис 102-æ. Уый фæдыл информаци, туркаг агентад «Анадолу» Турчы катастрофæтыл реагир кæныны агентады æнцойæ хъусын кæны.
Зæххæнкуысты фæстиуæгæн зиæнттæ райстой 1000-æй фылдæр адæймаг. Стихийы зонæйы ирвæзынгæнæн-агурæн куыстытæ цæуынц. Ирвæзынгæнджытæ кæлддзæгты бынæй 100-йæ фылдæр адæймаг систой.
Турчы хуырныгуылæны уæвæг горæт Измыры 6,9 магнитудæйы зæххæнкъуыст 30 октябьры æрцыд. Зæххæнкъуысты фæстæ сæдæгай фæлхтагтæ схуыстытæ уыд.