Ивындзинæдтæ Facebook-ы – æууæнкаг информацийы гуырæн, пайдагæнджытæ сæхæдæг рабæрæг кæндзысты
Кæцы информацион гуырæн у æууæнкаг, кæцы дезинформатор, уый Facebook –ы пайдагæнджытæ сæхæдæг аскуыддзаг кæндзысты.
Facebook-ы бындурæвæрæг Марк Цукерберг, социалон хызагы приоритетты ивындзинадмæ гæсгæ, йæ амæйразмæйон фидиуæны фæстæ, æмбарынгæнæн ахæлиу кодта.
Цукербергы ныхæстæм гæсгæ, Facebook-ы пайдагæнджытæм фæзындзæн фадат, информаци хъæдмæ сæхæдæг бандавой. Уый тыххæй хъуамæ схъæлæс кæной информацийы æууæнкаг гуырæнтæн.
«Ахицæн кодтам, цæмæй сегасæй объективон уыдзæн, пайдагæнджытæнраттæм уый бар, сæхæдæг сбæлвырд кæной информацийы кæцы ратæдзæн у сегасæй æнæфæсайгæ» – хъусын кæны Марк Цукерберг.
Facebook ацы кæнæ æндæр ратæдзæны æнæфæсайгæдзинад, пайдагæнджыты æрфарсты рæстæджы лæвæрд хъæлæстæм гæсгæ скæндзæн аргъ æмæ сараздзæн рейтинг, кæцыйы лидертæ разындзысты ногдзинæдты уаддзагы.
Марк Цукербергы информацийæ, ногдзинады фидæн къуырийæ скусдзæн.
Цукербергы хаххгондæй банысан кодта, цæмæй нырыккон дунейы ис сенсациты æрдæм тырнынад, æмæ уый тыххæй дæр фæзыны тынг бирæ дезифнормаци.
«Социалон медиа адæмæн дæтты фадат, бирæ тагъддæр ахæлиу кæна информаци. Уый тыххæй дæр, проблемæтæ ерын куы фæуадзæм æнæхъусдардæй, уæд ацы проблемæты мах нæхæдæг фæтыхджындæр кæндзыстæм» – хъусын кæны Цукерберг.
Цалдæр боны размæ Цукерберг, социалон хызагы ногдзинæдты уаддзагы формирдзинады алгоритмы ивындзинæдты фæдыл фехуъсын кодта. Ацы информацимæ гæсгæ, Facebook-ы нысаниуæгджынæй фæкъаддæр уыдзæн рекламон публикациты нымæц – пайдагæнджытæ, фылдæр уындзысты сæ бинонты уæнгты æмæ хæстæджыты публикацитæ.
Ацы информаийы ахæлиуы фæстæ, Facebook-ы акциты аргъ, 4,5% фæкаддæр ис æмæ Bloomberg Billionaires Index-ы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Марк Цукерберг 74 милуан АИШ-ы доллары зианрахатыд.
Continuing our focus for 2018 to make sure the time we all spend on Facebook is time well spent… Last week I…
Posted by Mark Zuckerberg on 2018 წლის 19 იანვარი, პარასკევი