Facebook арæн скæндзæн функци «Live»-æй пайдакæнын
Facebook арæн скæндзæн функци «Live»-æй пайдакæнын

Социалон хызаг  «Фейсбук»  арæн скæндзæн  «Live» функцийæ  пайдакæнынад.

Социалон хызагæй  ахæлиугонд  фидиуæны  куыд  дзырдæуы афтæмæй,  фæнысангонд  уынаффæ ист æрцыд,  ногзеландиаг  сахар  КРайсчерчы  æрцæугæ бырстыты  тыххæй,   кæцыты  трансляцитæ  фыдгæнджытæ  дæттой  социалон хызаг  «acebook live» -ы.

Фидиуæны дзырдæуы, цæмæй  «Лайв» функцийæ пайдакæнынад,  арæнгонд уыдзæн  уыцы  пайдагæнджытæн, кæцыты иу  хатт уæддæр  фæфиппайдтой, социалон хызагы  уагахасты æгъдау  халыны.

Фыццаг этапыл пайдагæнджытæн нæ уыдзæн фадат  функци «facebook live»-æй  пайда кæнын   æрмæст  рæстæгмæ. Афтæмав,  цы  æмгъуыдæй  архайдзæн  арæнæвæрд  æмæ  цавæр  архйдтытты тыххæй  æмбæлы   санкци,  уый нырма бæрæг нæу.

СОциалон хызагы  къухдариуæггæнджыты  ныхæстæм гæсгæ,   æввахс рæстæджы,  аналогион  арæнæвæрдтæ  скусын кæндзысты  «ФЕйсбукы» рекламæйы публикацийы  кодекс  халæг уæнгты   ныхмæ.

Уымæй дарддæр ма, Facebook афтæдæр   райхъусын кодта, цæмæй  æмкуыст кæндзæн   бирæ  иртасджытимæ æмæ университеттимæ, цæмæй   фæхуыздæр кæной   къамты æмæ  видео-платформæйы анализы технологий.