Ивгъуыд цыппар азы дæргъы, æрдæг милуанæй фылдæр Гуырдзыстоны æмбæстаг сыххæст кодта милуанæй фылдæр визит Евроцæдисы бæстæтæм
Ивгъуыд цыппар азы дæргъы, æрдæг милуанæй фылдæр Гуырдзыстоны æмбæстаг сыххæст кодта милуанæй фылдæр визит Евроцæдисы бæстæтæм – уый фæдыл Гуырдзыстоны фæсарæн хуъыддæгты министр Давит Залкалиани фыссы «Фейсбукы».
«Абон цыппар азы сыххæст ис, Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ æнæвизæйæ куы балц кæнынц Евроцæдисы бæстæтæм/Шепнгены тыгъдадмæ.
Визон режимы либерализаци Гуырдзыстонæн сæрмагонд политикон нысаниуæгы æнтыст у, кæцыйы размæ уыд бирæнымæцон реформæтæ. Нæ бæстæ ацы къахдзæфæй ноджы баввахсдæр ис Европæйы иууон бинонтæм. Евроцæдисы æмæ йæ уæнг бæстæтæ нæ æмбæстæгтæн æнæвизæйæ змæлды фадат кæй раттой уымæй ноджы сфидардæр ис Гуырдзыстоны, куыд æукуæнкджын æмæ аккаг партнеры статус æмæ сбæлвырд ис æнæфæцудгæ æнцойад бæстæйы евроинтеграцийы процессмæ. Гуырдзыстон дарддæр кæны нæфæзилгæ размæцыд Евроинтеграцийы фæндагыл, кæцы ассоциацидзинады советы радæй 6-æм фембæлдыл сбæлвырд ис.
Хъыгагæн, абон глобалон пандемийы тыххæй, сæрибар дыууæрдæм змæлд арæнгонд у, фæлæ нæ уырны, тагъд нæ бон бауыдзæнис ацы быцæусидтæн бафæразын æмæ æмбæлгæ бæрнæй, Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ та æнæкуылымпыйæ адарддæр кæндзысты евроинтеграцийы процессы ацы нысаниуæгджын æнтыстæй пайда кæнын» – фыссы Давит Залкалиани.
Абон 28 марты, цыппар азы сыххæст ис, Гуырдзыстоны æмбæстæгтæмæ куы фæзындис фадат, Евроцæдисы бæстæтæм/Шенгены тыгъдадмæ æнæвизæтæй балц кæнын.