Иванэ Мачъавариани- тагъд гуырдзиаг амалиуæгдæрттæ Евроцæдисы бæстæты экономикон куыст уæлæмхас процедурон барьертæй уæгъдæй сæххæст кæндзысты
Экономикон профилы парламентон комитетты иугонд рабадтыл дзырдæй ралæуды рæстæджы, финансты министртæм кандидат Иванэ Мачъавариани уыцы реформæтыл фæныхас кодта, кæцытыл бизнесæрдзы фæхуыздæры æмæ евроцæдисы закъондæттынадмæ фидтонон æмæ таможнæйы закъондæттынад æрввахс кæнын дары йæ хъуыдыйы.
Уый куыд банысан кодта афтæмæй, фыццаг сентябрæй, ныридæгæн йæ тыхмæ бахызт ног таможнæйы кодекс, кæцы нысаниуæгджынæй фенцондæр кодта таможнæйы процедурæтæ.
Афтæма Мачъавариани куыд райхæлдта афтæмæй, цæттæ у æмæ цæуы ног фидтонон кодексы æхсæнадон каст.
«Евроцæдисы закъондæттынадимæ гармонизаци, фадат ратбзæн амалиуæгдæрттæм, уæлæмхас таможнæ æмæ фидтонон процедурон барьертæй уæгъдæй сæххæст кæной экономикон куыст Евроцæдисы бæстæты æмæ иннæрдæм» – райхъусын кодта Иванэ Мачъавариани.