Финансты министр райхæлдта, кæмæн  ахæцдзысты  кредитты  æмгъуыд ноджы æртæ мæййæ
Финансты министр райхæлдта, кæмæн ахæцдзысты кредитты æмгъуыд ноджы æртæ мæййæ

Банкъытимæ æрныхас кодтам уый  фæдыл  цæмæй  кæмæндæриддæр мах  адæтдзыстæм компенсацион  пакет,  уыдонæн автоматонæй  аргъæвд æрцæудзæн сæ кредиты  æмгъуыд –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны финансты министр  Иванэ Мачъавариани,  хицауады рабадты  фæстæ  райхъусын кодта.

Мачъавариани куыд банысан кодта  уымæ гæсгæ,   банъкытæ  зæгъгæ афтæдæр  рабæлвырд кæндзысты  æмæ  кредитты  æмгъуыдтæ  ахæцдзысты  уыцы  адæймæгтæн, кæцытæн  карз фæкъаддæрдæр ис кæнæ  бынтон  банцад  æфтиаг.

«Зонут,  цæмæй  æртæ мæййæ  уыд  практиконæй  алы  физикъон уæнгæн  кредитты  æмгъуыдты  аргъæвд афтæ æмæ  сын не капитализаци не скодтой,  афтæмæй  сын нæ  бафтыдтой  процепнтыл   уæлæмхас  процентт æ.  Апцы этапыл нын уыд банкъытимæ  консультацитæ æмæ   практиконæй  æрныхас  кодтам ахæм моделыл,  кæмæндæриддæр кормпенсацитæ ратдзыстæм, уыдон алкæмæндæр  ахæцдзысты  сæ  кредиты  æмгъуыдтæ,  афтæдæр сæхæдæ аргъ скæндзысты   фидынхъомадмæ гæсгæ,   кæмæн  банцад кæнæ  карз  фæкъаддæрдæр ис æфтиаг  æмæ фидыны  æрдгæй  проблемæтæ ис,   афтæдæр сæрмагонд информацийыл æнцойæ,  аргъæвдзысты  сæ  кредиттæ.  Ам дæр   проценты капитализацийæ   цух» –   райхъусн кодта   Иванэ Мачъавариани.