Иванэ Мачъавариани - Банкъæй кредит райсдзæн алчи, кæцыдæриддæр бафидын хъом уыдзæн
Банкъæй кредит райсдзæн алчи, кæцыдæриддæр бафидын хъом уыдзæн – уый фæдыл ног банкъон регуляцитæм гæсгæ финансты министр Иване Мачъавариани райхъусын кодта.
Мачъаварианийы журналисттæ фарстой банкъыты прогнозы тыххæй, кæцымæ гæсгæ дæр, физикъон уæнгтæн кредиты алæвæрды ног æгъдау, кæцы 1-аг ноябрæй скусдзæн, 3 процентæй фæкаддæр кæндзæн экономикон рæзынад.
Финансты министры фидиуæнæй, негативон æндæвдад прогнозгонд у, фæлæ æрмæст 0.6 процентыл æмæ уый дæр цыбыр æмгъуыдмæ.
«Не æнхъæлц уыдис, цæмæй 0.6 процент уыдзæн экономикæйыл негативон ндæвдад, уый дæр цыбыр æмгъуыдæй æмæ иу афæдзмæ уый дæр сраст уыдзæн” – банысан кодта Мачъавариани.
Йæ ныхæстæм гæсгæ цыфæнды экономикон кризисы бындур у уæлдай хæстæ.
Министры ныхæстæм гæсгæ, банкъон сектор иуæй-иу сеппæтæй цырд темпæй рæзгæ сектор у, кæцыйы стабилондзинадмæ тас не ртъхъирæн кæны.