Иууон Националон Фæлварæнты   центры къхудариуæггæнæг  хъусын кæны, цæмæй æнæнизхъахъхъæнæг организациты лæвæрд  алы  рекомендацитæ лæмбынæг æххæст цæудзысты
Иууон Националон Фæлварæнты центры къхудариуæггæнæг хъусын кæны, цæмæй æнæнизхъахъхъæнæг организациты лæвæрд алы рекомендацитæ лæмбынæг æххæст цæудзысты

Иууон националон  фæлварæнты  центры  къухдариуæггæнæг   Сопо  Горгодзейы   куырдиатæй,   Иууон  националон фæлварæнты  рæстæджы,   лæмбынæг сæххæст уыдзысты  алы  уыцы  рекомендацитæ,   кæцыты дæттынц  æнæнизхъахъхъæнæг организацитæ.

Афтæма  йæ ныхæстæм гæсгæ,   фыццаг   нысаниуæгджын рекомендаци  у   дистанцийы хъахъхъæнын.

«Дзырдæ дæттæм цæмæй  лæмбынæг æххæст кæндзыстæм  æнæнизхъахъхъæнæг организацитæ  цы рекомендацитæ раттой  уый  æппæт.   Фыццагн  нысаниуæгджын рекомендаци у   дистанци хъахъхъæныны  тыххæй. Рекормендацимæ гæсгæ  хæсджын стæм   спайда кæнæм  кусæн уаты  æрмæст 50  процентæй,   уый тыххæй дæр, алкæцы  секторы   бынæтты  æхсæн   дистанци, рекомендацимæ гæсгæ  хъуамæ  уа   дыууæ  метры, махæн та  нæ бон уыдзæн  ацы дистанци уа  æртæ æмæ æрдæг метры бæрц» –   райхъусын кодта  Сопо Горгодзе.

Горгодзейы дзырдæй,   алкæцы  секторы  æдæппæт   10  абитуриент  уыдзæн.

«Афтæма алкæцы  бынатыл  фидаргонд уыдзæн  рухсдзыд  уарт,  барьер,  кæцы  маскæйæ  дарддæр,  кæцы æнæмæнгхъæугæ у  æмæ кæд абитуриент не рбахæсдзæн,  уæд йын æй  мах ратьдзыстæм,   ацы барьер уыдзæн   уæлæмхас   мадзал абитуриентæн цæмæй  вирусы ахæлиуæй  хъахъхъæд уа.  Алы бынатыл уыдзæн  ахæм уарт» -банысан кодта Горгодзе.