«Иумæйаг Тæрхондæтты фæдыл» Гуырдзыстоны органон закъоны тыххæй Венецийы Комисси публикаци кæны хатдзæг
«Иумæйаг тæрхондæтты фæдыл» Гуырдзыстоны органон закъоны тыххæй, Венецийы Комисси публикаци кæны хатдзæг.
Хатдзæджы куыд дзырдæуы афтæмæй, Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Шалва Папуашвилийы 2022 азы 22 ноябры æркуырдмæ æмбæлгæйæ, Венецийы Комисси аргъ скодта ивддзинæдты цæугæ пакетæн, куыд Гуырдзыстоны тæрхонон системæйы цæугæ реформæйы æнæдихаг хай, кæцыйы фæдыл комисси нырид рауагъдта цыппар аргълæвæрды 2019-2022 азты.
«Венецийы Комисси банысан кодта, цæмæй разхæр бакуыст ахæм сæйраг рекомендацитæ нырма дæр не сты рагхыгъдгонд: юстицийы бæрзонддæр советы тæрхонон корпоратизмы æмæ хисæрмагонд интерестæ схафын, кæцы йæ хъуыдыйы хъуамæ дарит Юстицийы бæрзонддæр советы æппæтылæххæссæг реформæ; юстицийы бæрзонддæр советы уæрæх æххæстбартæ арæн скæнын тæрхонгæнджыты арвитыны кæнæ постыл снысан кæныны тыххæй сæ барлæвæрд цухæй.
Тæрхонгæнджыты æххæстбартæ фæурæды процедурæ ногæй æркæсын, æххæстбарты фæурæды аххос дырысæй дæр сбæрæг кæнын, ацы уынаффæйыл бахъаст кæнынæн фылдæр рæстæг раттынæй æмæ фæурæды периоды мызд ныууадзынæй; арæнгонд æрцæуд æххæстбартæ тæрхонгæнджыты дисциплинон бæрнæн, кæцы баст у политикон нейтралитеты хæсист æргомæй халгæйæ, хъуыды равдыстимæ. Уыимæ тæрхонгæнджыты комментаритæн бынат ныууадзынæй ахæм фарстатыл, цахæмдæр у тæрхонон системæ. Уый сифтонг кæнын, цæмæй сæйраг тæрхондоны амындтæ æнæмæнгхъæугæ сты Юстицийы бæрзонддæр советæн», – банысангонд у хатдзæджы.