«Иумæйаг Тæрхондæтты фæдыл»  Гуырдзыстоны  органон закъоны тыххæй Венецийы Комисси  публикаци кæны  хатдзæг
«Иумæйаг Тæрхондæтты фæдыл» Гуырдзыстоны органон закъоны тыххæй Венецийы Комисси публикаци кæны хатдзæг

«Иумæйаг тæрхондæтты фæдыл» Гуырдзыстоны органон закъоны  тыххæй,   Венецийы Комисси  публикаци кæны  хатдзæг.

Хатдзæджы  куыд дзырдæуы афтæмæй,  Гуырдзыстоны  парламенты  сæрдар Шалва Папуашвилийы  2022 азы  22 ноябры  æркуырдмæ æмбæлгæйæ,   Венецийы  Комисси аргъ скодта   ивддзинæдты  цæугæ  пакетæн, куыд Гуырдзыстоны тæрхонон системæйы  цæугæ реформæйы  æнæдихаг хай, кæцыйы фæдыл  комисси  нырид рауагъдта   цыппар аргълæвæрды 2019-2022 азты.

«Венецийы Комисси банысан кодта, цæмæй  разхæр бакуыст   ахæм сæйраг   рекомендацитæ  нырма дæр не сты  рагхыгъдгонд: юстицийы бæрзонддæр советы тæрхонон корпоратизмы æмæ  хисæрмагонд  интерестæ схафын, кæцы йæ хъуыдыйы  хъуамæ дарит   Юстицийы  бæрзонддæр советы æппæтылæххæссæг реформæ; юстицийы бæрзонддæр советы  уæрæх æххæстбартæ арæн скæнын  тæрхонгæнджыты  арвитыны кæнæ   постыл снысан кæныны тыххæй  сæ  барлæвæрд цухæй.

Тæрхонгæнджыты æххæстбартæ фæурæды  процедурæ ногæй æркæсын,  æххæстбарты  фæурæды аххос дырысæй дæр сбæрæг кæнын, ацы  уынаффæйыл бахъаст кæнынæн  фылдæр   рæстæг раттынæй æмæ  фæурæды  периоды  мызд ныууадзынæй;  арæнгонд  æрцæуд   æххæстбартæ  тæрхонгæнджыты  дисциплинон  бæрнæн,  кæцы баст у  политикон нейтралитеты   хæсист æргомæй  халгæйæ, хъуыды равдыстимæ.  Уыимæ  тæрхонгæнджыты  комментаритæн  бынат ныууадзынæй  ахæм  фарстатыл, цахæмдæр  у  тæрхонон системæ.   Уый  сифтонг кæнын, цæмæй сæйраг тæрхондоны амындтæ æнæмæнгхъæугæ  сты Юстицийы  бæрзонддæр советæн», –  банысангонд у  хатдзæджы.