Иугæндзонархайæг æфсæддон базæ бакæныны бæсты, Польшæ АИШ-æн æнхъары дыууæ миллиард доллары

Иугæндзонархайæг  æфсæддон базæ бакæныны  бæсты,   Польшæ АИШ-æн æнхъары   дыууæ миллиард  доллары  –   уый  фæдыл информацийы  хæлиуæ кæны  польшæйаг  рауагъдад  Onet.  Журналистты  хъуысинагæй,  уыдон  самал кодтой  Польшæйы   хъахъхъæнынады  министрады  хъуыдиады    проект.  Документæй  фæбæрæг  цæмæй   Варшавайы  рагæй  фæстæмæ  фæнды, Вашингтонимæ бирæ  къуындæгдæр  æмкуысткæнынад  хъахъъæнынады  сферæйы.   Иуæй-иу   инициативæ та,  америкаг   æфсæддæтты  Польшæйы территорийыл дислокаци дары  йæ хъуыдйы.

Польшайаг медийы  информацийæ,   æмбæлон æркуырд  1999 азæй  хъуысы,  фæлæ 2008 азы   Уæрæсейы  Гуырдзыстонмæ бырсты  æмæ 2014 азы  Мæскуыйы  æрдгæй  Хъырымы  æнæзакъонон   анекцийы  фæстæ, ацы темæ  Польшæйы   хицауады   ногæй   сцырын  ис.

Документы  тексты  Гуырдзыстоны  тыххæй  цалдæр хатт ис  дзырд.  Сæрмагондæй  та, Польшæйы хъахъъæнынады  министрад хъусын кæны, цæмæй  2008 азы  Уæрæсейы æрдгæй  Гуырдзыстоны   ныхмæ  сæххæст агресси зæгъгæ у  æхсæнадæмон стабилондзинад  æмæ   фæткæвæрды  тызмæг хæлд.

«2017  азы  АИШ-ы   нациналон  æдасдзнады  стратегийы  Трампы   администраци,  Уæрæсейы  агрессийы  схуыдта,   АИШ-ы æмæ   глобалон стабилондзинадæн сæйраг тасæй.  Уæрæсейы  агрессвион  архæйдтытæ, уый  Гуырдзыстон 2008 азы  æмæ уый фæстæ та 2014 азы  Украинæйы  куыд федтам,  кæцы   абоны онг дарддæр кæны.