Иу къуырийы бæрæггæнæнтæй, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 602 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз сты 697 пациенты
Ивгъуыд иу къуырийы (09.05-15.05.2022) дæргъы Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 602 цау сбæрæг ис. Бæстæйы 697 адæймаг сæнæниз ис. Иу къуырийы бæрæггæнæнтæй, коронавирусæй амард 1 пациент. Уый фæдыл информаци публикаци кæны низты контролы националон центр.
Уагдоны хъусинагæй, фылдæр циркуляци кæны æмæ доминант у омикроны В.А.2 штамм.
Иу къуырийы дæргъы бæстæйы арызт уыд 97 625 тест, сæ нымæцы антигены тест – 86 222, «PCR» тестæй – 11 403.
7 бонон басгæрсты æвæрццагады бæрæггæнæн у – 0.62%.
Раззаг иу къуырийы (02.05-08.05.2022) бæрæггæнæнтæй, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 745 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз сты 984 пациенты, коронавирусæй рынчын аст пациент амард.