Италийы фæстаг 24 сахаты мидæг коронавирусæй 651 адæймаг æрбамард

Италийы   фæстаг  иу  бонмæ   коронавирусæй   651 адæймаг  æрбамард.  Уый фæдыл  хъусын  кæны «ВВС».

Стыр Британийы  Æхсæнадон Уацхæссæджы  хъусинагæй, фæмардуæвджыты  æмтгæйон нымæц  ахæццæ ис  5 476 –мæ.

Ацы рæстæгмæ   уæвæг официалон бæрæггæнæнтæй, Италийы   ног типы   коронавирусæй   фæрынчынуæвджыты  нымæц  53 минæй фылдæр у.