Италийы донбылы æрдæм мигранттæй едзаг радон нау фæцæуы

Италийы  донбылы  цурмæ мигранттæй  едзаг  гуманитарон   нау фæцæйцæуы.  Уый  тыххæй  «Евроньюс»   немыцаг   гуманитарон  организацийы  фидиуæныл   æнцойæ   хъусын кæны.

Италийы  сакъадах  Лампедузайы æрдæм  цæуæг  науы бортыл  65  мигрант ис.  Немыцаг   гуманитарон  организацийы  уæнгтæ  африкаг   мигрантты  Ливийы   донбылæй 66 километры  дæрццæг ссардтой.  Уыдон  Европæмæ  ныццæуын, кустаронæй  цæттæ  науæй   архайдтой.

Науы   капитаны   фидиуæнæй, уыдон зæгъгæ нырма нæ зонынц, бауадздзысты науы Италийы  портмæ æви нæ.   Мигранттæй  едзаг  гуманитарон   наутыл Италийы   хицауады æрдгæй  ныхмæлæуд арæх  сфикси вæййы.

Италийы мидхъуыддæгты  министр, Матео Сальвини  цъус рæстæг  размæ   гуманитарон   наутæ  бафæдзæхста, курс  æндæр бæстæйы  æрдæм сисын тыххæй.   Фæлæ  науы  капитан  куыд уырнын кæны афтæмæй,  уыдонмæ  сеппæтæй  хæстæг  растдæр  сакъадах Лампедуза у, уый тыххæй  дæр мигрантты  æдасдзинады  нысанæй,   курс  сисын  растдæр Италийы   сакъадахы  æрдæм ахицæн кодтой.