Италиайы фæсарæн хъуыддæгты министр - Ныгуылæн Украинайæн куы нæ баххуыс уа, уæд европæмæ бирæ стырдæр тас æртхъирæн кæны æмæ Гуырдзыстон, Молдовæ æмæ æндæр бæстæтæ стыр рискъы раз æрлæудзысты
Ныгуылæн Украинайæн куы нæ баххуыс уа, уæд европæмæ бирæ стырдæр тас æртхъирæн кæны æмæ Гуырдзыстон, Молдовæ æмæ æндæр бæстæтæ стыр рискъы раз æрлæудзысты –у ый фæдыл Италиайы фæсарæн хъуыддæгты министр Антонио Тайяни, Вашингтоны Этони Блинкенимæ иуæмйаг пресс-конференцийыл райхуъсын кодта.
Италиаг дипломаты бафарстой Украинайы гарзджын тыхты контрбырсты фæдыл:
«Контрбырсты тыххæй куы зæгъæм, уæд мæ ныфс ис, уый баххуыс уыдзæн сабырады æрдæм къахдзæф саразынæн, уымæн æмæ мах алкæй фæнды сабырад. Æххуыс кæнæм Украинайæн, уымæн æмæ нæ сабырад фæнды. Ныгуылæн Украинайæн куы нæ баххуыс уа, уæд Европæмæ бирæ стырдæр тас æртхъирæн кæны æмæ Гуырдзыстон, Молдовæ æмæ æндæр бæстæтæ стыр рискъы раз æрлæудзысты. Уымæ гæсгæйæ дæр мах уый аразæм сабырдзинады æмæ демократийы бахъахъхъæнынæн. Фæнды нæ сабырад. Ацы контрбырст Украинайæ уырыссæгты феддæдуар кæнынæн куы баххуыс уа, уый Украинайæн æрыздахдзæн сæрибардзинад», – райхъусын кодта Антонион Тайяни.
Украинайы НАТО-ы уæнгсуæвыны перспективæйы тыххæй, Италиайы фæсарæн хъуыддæгты министрад нымайы, цæмæй ацы фæндагыл фыццаг къахдзæф, гæнæн ис НАТО æмæ Украинайы советы арызт суа, кæцыйы фæлгæтты æрцæудзæн информацийы баивд альянсы æмвæзадыл.