Историйы фыццаг хатт, Стыр Британийы спецкуысты къухдариуæг сылгоймаг уыдзæн – Блейз Метревели йæ  хæстæ æххæст кæнынмæ официалонæй октябрæй  рывналдзæн
Историйы фыццаг хатт, Стыр Британийы спецкуысты къухдариуæг сылгоймаг уыдзæн – Блейз Метревели йæ хæстæ æххæст кæнынмæ официалонæй октябрæй рывналдзæн

Историйы фыццаг хатт, Стыр Британийы развæдсгарæн куысты, MI6-ы къухдариуæггæнæг сылгоймаг уыдзæн. Гуырдзыстоны райгуыргæ Блейз Метревели официалонæй октябры йæ бынат бацахсдзæн, ныры къухдариуæггæнæг Ричард Муры раивдзæн. Метревели организацийы 18-æм къухдариуæггæнæг уыдзæн.

Стыр Британийы премьер-министр Кейр Стармер æскъуыддзаг историонæй схуыдта. Стармер ма загъта, зæгъгæ, Блез Метревели йæ бынат ахсы уыцы рæстæджы, Иугонд Паддзахадæн йæ ныхмæлæу-уæгты æрдыгæй фылдæрæй-фылдæр кæй æвзæры тас.

«Æз æнхъæлмæ кæсын ацы куыст адарддæр кæнынмæ MI6-ы хъæбатыр офицертæ æмæ агенттимæ æмæ нæ бирæ æхсæнадæмон партнертимæ иумæ», — загъта Метревели.

Метревели кусы развæдсгарæн службæйы 1999 азæй фæстæмæ. Ацы этапыл уый у департамент Q-йы ахсджиаг технологиты æмæ инновациты хайады сæргълæууæг. Департаменты нысан у сусæг агентты ном сусæгæй дарын æмæ ныхмæлæуджытæй хи бахизынæн ног фæндæгтæ аразын.