Испанийы фæсарæн хъуыддæгты министр бæлвырд кæны, цæмæй абон кæнæ сом публикацигонд æрцæудзæн уыцы бæстæты номхыгъд, кæцытæн Евроцæдис фыццаг июлæй йæ арæнтæ фегом кæндзæн
Евроцæдис дыцццæджы публикаци скæндзæн уыцы бæстæты номхыгъд, кæцытимæ организаци дыууæрдæм змæлд сног кæндзæн. Уый фæдыл Испанийы фæсарæн хъуыддæгты министр, Аранча Гонзалес, радио «Кадена»-имæ интервьюйы фехъусын кодта.
Гонзалес куыд дзуры афтæмæй, Евроцæдисы 15 бæстæйæ номхыгъдыл кусынц, кæцытæн Евроцæдисы арæнтæ фегом уыдзысты.
«Ройтеры» информацийæ, номхыгъды бахауыны сæйраг критери хицæн бæстæты «Ковид-19»-ы ахæлиуы бæрæггæнæн æмæ иумæйаг эпидуавæр у.
Афтæма, фæнысангонд бæстæты æхсæн ис Гуырдзыстон дæр.