Испайнаг медиа – Каталонийы хæдбардзинады референдуммæ хифæкæнды хъуыддагыл, Уæрæсейы æмæ Украинайы æмбæстæгты æрцахстой
Испайнаг медийы хъусинагæй, Каталонийы хæдбардзинады фæдыл референдуммæ хифæкæныны хъуыддагыл Уæрæсейы æмæ Украинайы æмбæстæгты æрцахстой. «Эл Мундо» куыд хъусын кæны афтæмæй, фæдæвзарæны фæлгæтты, фыццаг гуырысхогондты ивгъуыд азы октябры æрцахстой.
Испайнагæвзагон рауагъдад фыссы, цæмæй зæгъгæ Украина æмæ Уæрæсейы дыууæ æмбæстагы Жиронайы провинцийы æрцахстой, уыдон хæдтулгæйæ Францы арæны æрдæм куы фæцæйцыдысты уæд. Сæ хæдтулгæ регистрацигонд уыд Белорусы. Ахстгондтæй сæ иуы портфелы уырыссаг гранатæ ссардтой.
Ахстгондтæн аххосаг бавдыстой хæцæнгарзы æнæзакъононæй хæссыны. Уымæй уæлдай ма, ахстгондтæ зæрдæхсайд сты Уæрæсейы пайдайæн дзырдхæссынады. Сæрмагондæй та украинагы æмæ уырыссагы, Каталонийы хæдбардзинады фæдыл референдумы организацидзинады аххосджын кæнынц. Фæдæвзарæнмæ ис зæрдæхсайд, цæмæй ацы фæндагæй уыдон Испанийы политикъон ситуацийы дестабилизаци скæнын архайдтой.
Бакой уын кæндзыстæм, цæмæй уæдмæ фæбæрæг, ома Испанийы хицауад 2017 азы уагъд референдумы Уæрæсейы спецкуыстыты гæнæн хифæкæнды раргом кæнынæн фæдæвзарынмæ æрывнæлдта.
Испанийы хицауады минæвæрттæ нырма 2017 азы ноябры, бæлвырд кодтой, цæмæй зæгъгæ Испанийы адæймæгты цалдæр къорд Уæрæсейы пайдайæн архайынц. Мадриды бæлвырд кæнынц, цæмæй ацы къордтæ социалон хызæгты æмæ æндæр интернетрессурсты фæрцы, Каталонийы хæдбардзинады фарсхæцæг пропагандæ хæлиу кодтой.
Испанийы Уæрæсейы минæвар, испайннаг медийы публикацигонд информацийы, мæнгæй схуыдта.