«Исламы Паддзахады» фæдонтæ Уæрæсейы футболы Дунейы Чемпионатыл, Месси æмæ Роналдумæ бырстæй æртъхъирæн кæнынц
«Исламы Паддзахады» фæдонтæ Уæрæсейы  футболы  Дунейы  Чемпионатыл, Месси  æмæ Роналдумæ бырстæй  æртъхъирæн  кæнынц

Террористон къорд, «Исламы Паддзахад»-ы фæдонтæ   Уæрæсейы   футболы Дунейы  чемпионаты  рæстæджы бырстытæ саразынæй  æртъхъирæн кæнынц. Информацийы  уый тыххæй  хъусын кæны рауагъдад  Daily Mail социалон хызæгты  «Исламы Паддзахады» фæдонты   къордтыл  æнцойæ.

Уымæй  уæлдай ма, джихадистты    фарсхæцджытæ  футболистты  Лионель Месси æмæ   Киштиану  Роналдумæ,  сæр ракæнынæй  æртъхъирæн кæнынц.

Террористтимæ  баст уæнгтæ, социалон  хызæгты  æмбæлон  фототы  дæр публикаци кæнынц  фыстæй «2018 азы  дунейы  чемпионат Уæрæсейы – Мах   фæуæлахиз уыдзыстæм».

Ай  фыццаг  цау  нæу,  террористон  къордтæ  ЛионельМессимæ куы æртъхътрæн кæнынц. Ахæм  фидиуæны  джихадисттæ   марты мæйы дæр ахæлиу кодтой.

Футболы  Дунейы чемпионат  Уæрæсейы  14  июнæй -15 июлмæ цæудзæн.