Исаны зылды комиссийы сæрдары, мæлæты хъуыддагыл зылынмæ лæвæрдтæ, цъындыйы бæсты ссæрибар кодтой
Исаны зылды комиссийы сæрдары, Тедо Гобеджишвилийы мæлæты хъуыддагыл зылынмæ лæвæрд Акаки Хускивадзе æмæ Акаки Къобаладзейы тæрхонгæнæг Кетеван Джачъвадзейы тæрхоныскуыдæй, цъындыйы бæсты ссæрибар кодтой.
Тæрхонагъоммæ рабадтыл, кæцы фараст сахат аххæссыд, сæрыфыццагæй апдокаттæ се сæрибар кæнын æркуырдтой, альтернативæйæ та тæрхонгæнæгæн цъынды æмæ æндæр арæнгæнæг амæлттæй спайдайы куырдиат бавдыстой.
Фæстагмæ цъындыйы суммæ тæрхонгæнæг 10 мин ларийæ сфидар кодта, зылынмæ лæвæрдтæ тæрхоны залæй ссæрибар кодта æмæ суммæ бафидын та 40 боны æмгъуыдмæ бахæс кодта. Уæлæмхас арæнгæнæг амалæй та сын фæтобæ кодта бæстæйæ ацыд.
Хускивадзе æмæ Къобаладзейы азымджын кодтой къордонæй сыххæст тыхыбын баконд, æртъхъирæн æмæ æгртамы банхъарын, афтæма хæцæн æрмæджыты æнæзакъононæй бавæрд.
Оппозици та Хускивадзе æмæ Къобаладзейы нымайынц политахæстгондтæй. Оппозицийы цыппар сæйраг æркуырды се ссæрибар кæныны фарста дæр уыд.