Иртасæны фæстиуæгæн, Гуырдзыстоны цæрджыты 71% Евроцæдисыл æууæндынц, 80 процент ты нымайы, цæмæй бæстæйæн Евроцæдисимæ хорз ахастытæ ис
Гуырдзыстоны цæрджыты 80% нымайы, цæмæй Гуырдзыстонæн хорз ахастытæ ис Евроцæдисимæ – ахæм у Евроцæдисы финансгонд 2019 азы æхсæнадон хъуыдыйы иртасæны фæстиуæг.
Гуырдзыстны Евроцæдисы минæварады информацийæ, иртасæн Гуырдзыстоны æрдгæй Евроцæдисæн æнæфæцудгæ фарсхæцынад равдыста.
Гуырдзыстоны 2019 азы æхсæнадон хъуыдыйы иртасæн Евроцæдисы æрдгæй финансгонд проекты – «Евроцæдисы скæсæйнаг сыхæгтæ» фæлгæтты ацыд. Æхсæнадон хъуыдыйы иртасæн сæххæст 2019 азы февралæй апрелы онг æмæ æнцой кодта комкоммæ интервьютыл 1 000 адæймагæй арызт æвзæрст къордты бæстæйы масштабæй.
Иртасæны сæйраг фæстиуджытæм гæсгæ, Гуырдзыстоны цæрджыты 80 % нымайынц, цæмй зæгъгæ Гуырдзыстонæн хорз ахастытæ ис Евроцæдисимæ; Гуырдзыстоны цæрджыты 71 процент æууæнды Евроцæдисыл (ацы фæстиуæг æнæивгæ у 2018 азы фæстæ); Гуырдзыстоны цæрджыты 50 процент æвæрццаг ахаст дары Евроцæдисмæ æмæ æрмæст 4 процент сты æппæрццаг хъуыдыйыл.
Афтæма, иртасæнмæ гæсгæйæ, Гуырдзысьтоны цæрджыты 74 процент (16 процентæй фылдæр 2018 азимæ абаргæйæ) информациргонд сты, цæмæй Евроцæдис финансонæй æххуыс кæны бæстæйæн æмæ 62 процент хъуыды кæнынц, цæмæй ацы æххуыс эффективон у.
Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæварады вебфарсыл публикацигонд пресс-релизы лæвæрд сты иртасæны фæстиуджытæ Гуырдзыстоны æмæ дæнцтæ, уæлæмхас детæлттæ та бавдыст сты инфографикæйы æмæ хыгъдлæвæрды.
Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæварады информацийæ, нырид цыппар аз у иртасæнтæ æрвылазонæй кæй цæуынц, ардгæй фыццаг уылæн райдыдта 2016 азы. Ахæм иртасæнтæ афтæдæр уагъд æрцыд «Скæсæн партнерады» иннæ фондз бæстæйы: Азербайджаны, Белорусы, Молдовæйы Республикæйы, Сомихыстоны æмæ Украинайы.