Иртасæнмæ  гæсгæйæ,  Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы нон хабæртты алæвæрды формæ хицæн кæны, нæ цырын  уæлæмхасæй  æппæрццаг эмоцитæ, кæцы  рахатинаг  у  æндæр телеуынынадты
Иртасæнмæ гæсгæйæ, Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы нон хабæртты алæвæрды формæ хицæн кæны, нæ цырын уæлæмхасæй æппæрццаг эмоцитæ, кæцы рахатинаг у æндæр телеуынынадты

«Информацион тыгъдады  экологийыл медийы  æндæвдад» –  ахæм сæргондæй  «Хъуыдыйады Академийы»  абон   хурыскæсæн Европæйы университеты базæйыл  архайæг  «Лаборатори Z» -ы иртасæны  презентаци ацыд.

Иртасæн  информацион тыгъдады  экологимæ  æмæ адæймаджы  психофизикон  æнæниздзинадыл йæ æндæвдадмæ æххæссы.

Иртасæны   фæлгæтты  Гуырдзыстоны  масштабæй  фондз телеканалы   информацион   рауагъдадты анализ сыххæст, адон сты: «TV Имеди», «TV Пирвели», «Рустави 2», «Мтавари Архи», Гуырдзыстоны Æхсæнадон  Уацхæссæг.

Телеканалты  иртасæн  2019  азы  фыццаг октябрæй, 10 ноябры  онг периодмæ  æххæссыд.

Контентанализы фæстиуæгæн  рабæрæг ис, цæмæй  ног хабæртты  лæвæрд информацийы  63 процент негативон у, 24 процент – нейтралон, æрмæст 13 процент – позитивон.

Абон лæвæрд презентацийы, психолог æм  иртасæны иуæй-иу автор, Зарб Мхеидзе  куыд загхта  афтæмæй,  зæгъгæ иртасæнмæ гæсгæйæ,  информаци бадæттыны цæстæнгасæй,  сеппæтæй хуыздæр фæстиуæг ис Гуырдзыстоны  Фыццаг Каналæн.

«Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы фæстиуджытæ  ацы  цауы, сеппæтæй  хуыздæр  амонæг сты информаци  алæвæрды цæстæнгасæй. Мах ауагъдтам фондз  телеуынынады  информацион раугъдадты  иртасæн,  ток-шоуты  æмæ авторон   алæвæрдтæм нæ бавнæлдтам.  Алæвæрды  формæмæ гæсгæйæ,   Фыццаг Канал  тынг хицæн кæны,  æнæкæсгæ  критикон  кæнæ  негативон   сюжеттæм,  алæвæрды формæ, уæлæмхасæй æппæрццаг  эмоцитæ нæ расайы,  кæцы  æндæр телеуынынадты  æгæр рахатинаг у. Нæ аргълæвæрдæй, ацы  æрдгæй  Фыццаг Канал, Æхсæнадон  Уацхæссæг, алкæмæй   хуыздæр позицитыл лæууы» -райхъусын кодта   Зураб Мхеидзе.

Иртасæнмæ гæсгæйæ,   Гуырдзыстоны  Фыццаг Каналы  информацион рауагъды  контенты  50 процент  нейтралон у, 10 –позитивон, æрмæст  40 процент – негативон.

Æндæр телеуынынадты та,  «Рустави 2»-ы  цауы иртасæны фæстиуджытæ ахæм сты: нейтралон – 15 процент, позитивон -4 процент, негативон  -81 процент;  «Мтавари Архи» нейтралон -22 процент, позитивон -2 процент, негативон – 76 процент;  «TV Пирвели» нейтралон -25 процент, позитивон -2 процент, негативон -73 процент; «TV Имеди» нейтралон -22, позитивон -41 процент, негативон -37 процент.

Æхсæнады мидæг  иумæйаг  тенденци  рабæрæг кæнынæн, иртасæны фæлгæтты   ацыд   олайнрафарст,   рафарстуæвæг  300 адæймагы  дзуаппыты фæсиуæгæн  фæбæрæг ис, цæмæй  38 процент  бынтон нæ кæсынц телеуынынадон ног хаббæртты  алæвæрдтæм, уый æфсонæн  та схуыдтой, уæлбæрцæй  æппæрццаг информацийы  райст.  Уымæй  уæлдай ма фæфылдæр ис уыцы адæймæгты  нымæц, кæцытæ  ивгъуыды  кастысты  æмæ  ныр нал   кæсынц  телеуынынадæй  ног хабæртты  алæвæрдтæм.

Ацы иртасæнмæ гæсгæйæ,   социалон  хазыг  «Фейсбукы»  фылдæр негативон  мидисы  æмæ  эмоцитæ хæссæг  информацийæн  вæййы   аргъгæндтæ.

Иртасæны фæлгæтты  æдæппæт  300  адæймагы рафарстой  кæцыты кар у  18-60  аз.  Рафарстуæвджыты  77.4 процент, кусынц, æрмæст 22.6 процент  æгуыст сты.