Ирландийы премьер-министр хъусын кæны, цæмæй Путины мæлæты цауы Ирланди тæфæрфæс нæ ракæндзæн
Ирландийы премьер-министр хъусын кæны, цæмæй Путины мæлæты цауы Ирланди мæсæллытæ нæ зæгъдзæн. Рауагъдад «Индепендент» куыд фыссы афтæмæй, Ирландийы премьер-министр Лео Варадкар ацы фидиуæн журналисты фарсты дзуаппæн сарызта, кæцы æххæссæд 1945 азы Ирландийы уæды фæсарæн хъуыддæгты министр Эймон де Валерайы Адольф Гитлеры мæлæты тыххæй Германимæ æрвыст мæсæллæйы фыстæгмæ.
«Æз нæ хъуыды кæнын, цæмæй Путины мæлæты цауы Ирланди тæфæрфæс арвитдзæн Уæрæсейæн. Нæдæр уый сфæлгондзын у мæ бон, цæмæй нæ делегаци ацæудзæн Путины мардæвæрнмæ», – райхъусын кодта Вардакар.
Бæрæгдзырдæн Ирланди Украинайы цæугæ хæсты фарстайы нейтралитеты позици фиксир кæны. фæлæ ирландиаг бæрзонд гæстæ хъусын кæнынц, цæмæй дзырдæуы политикон нейтралитетыл нæ фæлæ, æфсæддон нейтралитетыл.