Ирландиимæ арæйнон механизмы саразыны онг Евроцæдис «брекситы» бадзырд не сбæлвырд кæндзæн
ИРландиимæ æххæстаргъджын арæнон механизмы саразыны онг, Евроцæдисы парламент а.х. Брекситы бадзырд не сбæлвырд кæндзæн – уый фæдыл европарламенты Брекситы къорды ахæлиугонд фидиуæны дзырдæуы.
Ги Верхофтадты разамындæй архайæг къорды фидиуæны банысангонд у, цææмй Британийы фæхицæны бадзырд рæстаг у æмæ ног бадзырдтæ нал сырæздзысты. Брюссель æмæ Лондоны æхсæн кæронбæттæн бадзырдимæ, европарламент хъуамæ сразы уа.
Бадзырдты сæйраг æнæразыдзинад Ирландий æмæ Цæгат Ирландийы æхсæн уæвæг арæны амонд у. ЮБританий Евроцæдисæй цæугæ азы 29 марты хъуамæ рацæуа.