Ирланди Украинамæ лæбурды дзуаппæн алы хуызы уырыссаг хæдтæхæгæн уæлдæфон тыгъдад рыхгæдта.
Уый фæдыл фидиуæн, бæстæйы фæсарæн хъуыддæгты министр Саймон Ковени микроблог «Твиттеры» фæрцы сарызта.
«Шокы æфтауæг лæбурдтытæ Украинамæ. Ирланди алы хуызы уырыссаг хæдтæхджытæн уæлдæфон тыгъдад æхгæны. Евроцæдисы æндæр партнертæй дæр аналлогион архайдты æнхъæл стæм» – фыссы министр.
Саймон Ковены дзырдæй, Ирланди афтæдæр сразы ис Уæрæсейы ныхмæ бакуыст санкцитимæ.