Ирланди  алы хуызæн  уырыссаг хæдтæхджытæн уæлдæфон тыгъдад æхгæны
Ирланди алы хуызæн уырыссаг хæдтæхджытæн уæлдæфон тыгъдад æхгæны

Ирланди Украинамæ  лæбурды дзуаппæн  алы хуызы  уырыссаг  хæдтæхæгæн  уæлдæфон тыгъдад  рыхгæдта.

Уый фæдыл фидиуæн, бæстæйы  фæсарæн хъуыддæгты  министр Саймон  Ковени микроблог «Твиттеры» фæрцы  сарызта.

«Шокы æфтауæг  лæбурдтытæ  Украинамæ.  Ирланди  алы  хуызы  уырыссаг   хæдтæхджытæн  уæлдæфон тыгъдад  æхгæны. Евроцæдисы æндæр партнертæй дæр аналлогион  архайдты æнхъæл стæм» – фыссы  министр.

Саймон  Ковены  дзырдæй, Ирланди афтæдæр сразы ис  Уæрæсейы  ныхмæ бакуыст санкцитимæ.