IRI - партитæ фæстиуджытимæ хъуамæ сразы уæт æмæ 2020 азы æвзæрстытæм цæттæ кæнын райдайæт
Æхсæнадæмон Республикон Институт (IRI)-ы президент Даниел Туайнинг «Америкæйы хъæлæсимæ» интервьюйы хъусын кæны, цæмæй зæгъгæ гуырдзиаг демократийы фидардзинад, иттæг нысаниуæгджын у бæстæйы евро-атлантикон тырнынадты æмæ националон æдасдзинадæн, æрмагондæй та уыцы тæссаг сыхы æхсæн, кæцыйы дæр Гуырдзыстон ис. Уый фæдыл дзырдæуы Америкæйы хъæлæсы» статийы – «IRI: партитæ фæстиуджытимæ хъуамæ сразы уой æмæ 2020 аз æвзæрстытæм цæттæ кæнын райдайой».
«Демократийы уавæрты иунæг партийæн дæр нæу йæ бон спайда кæна политикон тыхыл дæргъвæтин монополий. ИНститутцион кантрол æмæ баланс, сæ нымæцы, сæрибар медиа æмæ тасаг æмбæстагон дзыллæ, иттæг нысаниуæгджындæр элементтæ сты. Мах æнхъæл стæм фидæны дæр адарддæр кæнæм Гуырдызстоны алы демокративон партийимæ кусын демокративон институтты æмæ æ процессты фæтынгдæр кæнынæн, кæцы гуырдзиаг адæмы фæндтæ дары йæ хъуыдыйы» – дзурынц организацийы.
Æхсæнадæмон институт IRI, президен он æвзæрстыты дыккаг туры аргълæвæрд дæр скодта. «Америкæйы хъæлæсæн» лæвæрд фысгæ комментарийы организаци хъусын кæны, цæмæй зæгъгæ æвзæрстыты администрирдзинад эффективон æмæ æмбæлонæй ацыд: «Æнæкæсгæ уымæ, цæмæй уыд проуцедурон сахъаттæ æмæ сфиксир сты рæдыдтытæ, куыд æхсæнадæмон республикаг институты – афтæ æндæр æхсæнадæмон цæстдарæг мисситы æрдгæй, не стæм æнхъæл цæмæй æвзæрстыты фæстиуджытæ фæивдтаиккой».
Организаци ныфсæвæрд кæны цæмæй фидæны лæмбынæг адарддæр кæндзæн политикон партитимиæ кусын цæмæй сæ бауырна, ома кампанитæ негативон лæбурдтыл уа ориентацидзинады концентраци бæстæ, уа цæрджытæн нысаниуæгджг фарстатыл æнцойæвæрд æмæ проактивон.
Æвзарæнон циклы дæргъы IRI алы хайадисæгмæ æрсидтис æвзæрстыты фæуды фæстæ, сæ фæстиуджытимæ сразы уын:
«Æнæкæсгæ уымæ, цæмæй политикон хъазджытæн алгъуызон бар ис хъастытæ бахæссын æмбæлон легалон фæндæгты руаджы, хъуыды кæнæм, цæмæй цæугæ демонатсрацитæ æмæ дæргъвæтин демонстрацитæм сидтытæ, фехалдзысты демокративон процессы мидис. Уымæ æмбæлгæйæ дæр ныфс нæм ис, цæмæй алы политикон парти æнæ æрмæст сразы уыдзæн æвзæрстыты фæстиуджытиимæ, фæлæ ма райдайдзæн фидæнмæ бацæттæгæнæн активон мадлзæлттæ исын, сæрмагондæй та 2020 азы парламентон æвзæрстытæм» – дзурынц организацийы.