Ираны протестон акцийы хайадисæг амардта полициагы – уый фæдыл информацийы хъусын кæны бæстæйы барадхъахъхъæнæг орган. Сæ информацийæ, марæг æхсæнгарзæй æхста.
Цау æрцыд демонстрациты райдаынæй 5-æм бон. Афтæма абон ахæлиугонд информацийæ, протестон акциты улæн, кæцы 2009 азы фæстæ сегасæй масштабон у, уый амæттаг æссис 13 адæймаг.
Полициагы амардтой сахар Наджафабады. Официалон информацийæ, акцийы хайадисæг райдыдта æхст, кæцыйы фæстиуæгæн ноджы æртæ полициагы фæцæф сты.