Ираны наулæууæны срæмыгъды фæстиуæгæн фæмардуæвджыты нымæц 18 онг сырæзт
Ираны наулæууæны срæмыгъды фæстиуæгæн фæмардуæвджыты нымæц 18 онг сырæзт

Ираны порты срæмыгъды фæстиуæгæн фæмардуæвджыты нымæц 18 онг сырæзт Уый фæдыл информаци агентад Reuters парахат кæны. Цæфтæ сты 700-йæ фылдæр.

Шахид Раджаийы наулæууæны срæмыгъд æрцыд 26 апрелы. «Нью-Йорк Таймс»-ы информацийæ, аххосаг, æвæццæгæн, у ракетæты æртагæй пайдагонд буаргъæд. Рауагъд хъусын кæны ацы информаци Ираны бæрзонд рангы бæрнонты бындурыл.

Бынатмæ æрбацыд бæстæйы мидхъуыддæгты министр, Эскандар Момен. Срæмыгъды аххосаг нырма официалон æгъдауæй нæ раргом ис.