Ираны донивылды фæстиуæгæн фæмардуæвджыты нымæц 40-æй ахызт

Ираны, донивылды  амæттæгты  нымæц 44-ы онг райрæзт.  Стихий, кæцыйы расайдта  æнæнцайгæ  къæвда,  бæстæйы  цалдæр провинцийыл ивгъуыд  къуырийы ныццавдта йæхи.

21  адæймаг  Фарсийы,  авд  Голестаны, фондз  Мазендераны, æртæ та  цæгат Хорасаны  провинийы  æрбамард.  Донивылды  фæстиуæгæн сцад сты  уынгтæ  æмæ  цæрæн хæдзæрттæ.