Ираны æмæ Евроцæдисы минæвæрттæ атомон бадзырдмæ гæсгæ консультацион фембæлд сараздзысты
Ираны æмæ Евроцæдисы минæвæрттæ атомон бадзырдмæ гæсгæ консультацион фембæлд сараздзысты. Уый фæдыл райхъусын кодта Ираны фæсарæн хъуыддæгты министр Джавад Зарифи.
Дипломаты ныхæстæм гæсгæ, фембæлдыл ныхас уыдзæн, иуæмйаг æппæтылæххæссæг архайадон планы æрдæм АИШ-ы деструкцион политикæйы фæдыл. Фæлæ ацы этапыл фембæлды рæстæг æмæ бынаты фæдыл информаци нæ хæлиу кæны.
Фембæлды хайад райсдзысты Стыр Британийы, Францы æмæ Германийы минæвæрттæ.
Ираны æмæ æхсæнадæмон æхсæзы æхсæн атомон фарстыл бадзырд къухбафыст æрцыд 2015 азы 14 июлы æрцыд. Атомон программæйыл нæзагъды бæсты, Тегеран æхсæнадæмон экономикон санкциты этапгай сыхалыны ныфсæвæрд райста.