Иран Израилмæ æхстыты ног уылæн райдыдта, Иерусалимы æмæ Тель-Авивы срæмыгъдтытæ хъуыст
Иран Израилмæ бырстыты ног уылæн райдыдта.
ВВС-ы информацийæ, Иерусалимы æмæ Тель-Авивы тыхджын срæмыгъдтæ хъуысы.
Æнæхъæн бæстæйы хъæр кæнынц тревогæтæ.
Израилы хъахъхъæнынады тыхтæ æмбæстæгтæм æрсидтысты, цæмæй æмбæхсой.