Иран, Иракъы дислоциргонд дыууæ америкаг æфсæддон объекты ракетон хафт фæкодта
Иран ракетон хафт ракодта, Иракъы дислоциргонд дыууæ æфсæддон объект, кæцытыл сты америкаг æфсæддæттæ.
Ираны «Исламы Революцийы хъарагъулы корпусы» ахæлиугонд куырдиаты куыд дзырдæуы афтæмæй, уый уыдис Тегераны æрдгæй, маст ист, ирайнаг генералы Хъасем Сойлеманийцы ликивдацийы тыххæй.
Бырсты фæстæ ахæлиугонд куырдиаты Ираны «Исламы Революцийы хъарагъулы корпус» фæдзæхсы АИШ-ы алы æмцæдисоны, кæцытæ сæрмагонд базæтæм бауадздзысты АИШ-ы æфсæддон тыхты, цæмæй уыдон дæр мысанæй фестдзысты Иранæн.
Ираны ракетон хафт, АИШ-æ цы ирайнаг инæлар Хъасем Солейманийы ликвидаци скодтой, уый йæ мадæлон сахары куы бавæрдтой, уый фæстæ сæххæст ис.
Ракетон хафты мысан объектæй ссис æфсæддон-авиацион базæ Аин ал-Асад. Ацы базæйæ америкæгæтæ фыццаг хатт спайда кодтой 2003 азы. Уый фæстæ та ацы базæйыл дислоциргонд æфсæддæттæ, террористон къорд «Исламы Паддзахады» ныхмæ хæцыдысты. Ацы базæйыл службæ кæнынц 1500 америкаг æфсæддон.
Ноджы иу æфсæддон объект, кæцыйыл Иран сæххæст кодта ракетон хафт, уы сахар Эрбилы аэропорт. Ахæлиугонд информацийæ, Эрбилы æрдæм цалдæр баллистикон æмæ базырджын ракетæ фехстой, фæлæ «CNN»-ы хъусинагæй, сæ хай не срæмыгъд.
Ацы этапыл фæцæффуæвджыты æмæ фæмардуæвджыты фæдыл информаци нæ айхъусыт. Уыййеддæмæ телекомпани «CNN»-ы информацийæ, Ираны сæххæст ракетон хафты фæстиуæгæн фæцæф сты иракъæгтæ.
АИШ-æ Ираны æрдгæй ракетон хафты размæ хъусын кодта, цæмæй Æввахс Скæсæны дислоциргонд æфсæддон тыхтæ, æххæстæй цæттæ сты. Сæ нымæцы ацы регионы уæвæг зенитон-ракетон комплекс «Пэтриоттæ».
Ираны ракетон хафты фæстæ, Урс Хæдзары уæлвæтк уынаффæйы æмбырд сырæзт, кæцыйы АИШ-ы хъахъъæнынады нымæрдар, Марк Эспер æмæ паддзахадон нымæрдар Майк Помпео истой хайад. Уынаффæйы фæстæ прессæйæн комментаритæ нæ сырæзт.