Иран июлы ахст Британийы нафтиæргъæвæг нау æссæрибар кодта

Иран июлы ахст Британийы нафтиæргъæвæг нау æссæрибар кодта

Иран июлы ахст Британийы нафтиæргъæвæг нау «Стена имперто» Бандар Абасийы портæй ахызт.  Уый фæдыл инфофрмаци агентад «Рейтер» парахат кæны.

Танкер Ираны революцион хъахъхъæды уæнгтæ цæугæ азы июлы уый фæстæ æрцахстой, дыууæ къуырийы раздæр, Британи иранон танкеры Гибралтары территорийыл æрцахста. «Стена Имперто» ацы рæстæгмæ Дубайы порты æрдæм змæлы.

Ираны æттаг хъуыдтæгты министрады информацимæ гæсгæ, æнæксгæ æссæрибармæ, науы ныхмæ фæдагуырд ныр дæр даргъ кæны.