Иракъы змæстыты рæстæджы барадхъахъæнджытæ 450 адæймаг æрцахстой

Иракъы змæстыты рæстæджы барадхъахъæнджытæ 450 адæймаг æрцахстой
Уый фæдыл информаци “Рейтер” парахат кæны. Ахстгондты хай, ацы рæстæгмæ дæр ахæстоны сты. Змæстыты рæстæджы 73 адæймаг фæмард æртæ мин та фæцæф,. æппæтдуноен информацион агентады информацийæ, мардгондты æмæ цæфгондты стыр хай Багдадæй æмæ Ди Кары провинцийæ сты.
Иракъы фæстаг цалдæр бон змæстытæ даргъ кæнныц. Корупцийы, æгуыст æмæ бæстæйы уæвæг социалон уавæрты ныхмæ цæугæ акци айрæзт масштабон быцæудзинадмæ. Дыгкæгæм октябры барадхъахъæнджытæ демонстрантты ныппырхæн дон, цæссыгкалæн газ æмæ хæцæнгарз спайда кодтой.