Иракы тæрхондон «Исламы Паддзахады» уæнгдзинад зылынмæ лæвæрд Германийы æмбæстагæн стæрхон кодта мæлæтæй æфхæрд
Иракы тæрхондон «Исламы Паддзахады» уæнгдзинад зылынмæ лæвæрд Германийы æмбæстагæн стæрхон кодта мæлæтæй æфхæрд.
Фæдæвзарæнмæ гæсгæ, зылынджын сылгоймаг экстремист хæцджытæн æххуыс кодта, хайад иста терактты æмæ афтæдæр барадхъахъхъæнæг уагдæттæм бырстыты.
Иракы иууылбæрзонд тæрхондоны куыд расидтысты афтæмæй, Германийы æмбæстаг йæ фыдракæндыл басастис.
Германийы хицауады хъусинагæй, фæстаг 5 азы мидæг, бæстæйæ экстремистты рæнхъыты уæнгсуæвыны нысанæй, Ирак æмæ Сирийы 1 000 адæймаг араст ис. Уыдонæй фыдыбæстæмæ ма æрыздæхтис 300 æмæ 150 та конфликты зонæйы фæмардысты.