Ираклэ Къобахидзе - Европарламенты делегациимæ фембæлдыл сфиксир кодтам позици, ома европарламенты резолюци, конкретон ныффыстытæй оппозицийы радикалон хай поляризаци фæарфдæрæн пайда кæны
Парти «Гуырдзиаг Бæллиццы» сæрдар Ираклэ Къобахидзейы фидиуæнæй, европарламентаритимæ фембæлдыл сфиксир кодта позици европарламенты резолюцимæ гæсгæ, конкретон ныффыстыты тыххæй æмæ банысан кодта,цæмæй европарламенты резолюцийæ оппозицийы радикалон хай поляризаци фæфардæр кæнынæн архайынц.
Ираклэ Къобахидзе дзуры,цæмæй европарламентариты дзуаппыты фæдыл æргом ныхасæй йæхи уромы. Афтæма йæ мбарынгæнæнæй, фембæлдыл дзырд уыдис деолигархизацийы темæйыл.
«Мæ бон зæгъын у, цы фарстытæ уыд не рдгæй æмæ нæ ныфс ис, цæмæй нæ позицитæ сæ зæрдыл бадардзысты фидæны. Уый иттæг нысаниуæгджын у уый тыххæй, цæмæй Гуырдзыстоны фæкъаддæр уа поляризацийы гъæд. Уæхæдæг дæр зонут, цæмæй куыд Европарламенты резолюци, афтæма деолигархизацийы фæдыл Еврокомиссийы ныффыстæй активонæй пайда кæнынц поляризаци сцырын кæнынæн. Кæд ис уый бакомкоммæ мадзал, уæд цæй зæгъын æй хъæуы ахсджиаг у ацы резолюцийы æмæ ныфысты нейтрализаци йæхæдæг Евроцæдисы æрдгæй, уый фæдыл уыд нæ фарстытæ æмæ афтæмæй сæвзæрдис ацы фарста» – загъта Къобахидзе.