Ираклий Заркуа – Венецийы комиссийы  ныффыст, иуæрдонты  къайад дам ма фæхъыгдарут, æфхæрæн у нæ  нацийæн æмæ бæстæйæн, уый нæ рауайдзæн
Ираклий Заркуа – Венецийы комиссийы ныффыст, иуæрдонты къайад дам ма фæхъыгдарут, æфхæрæн у нæ нацийæн æмæ бæстæйæн, уый нæ рауайдзæн

 

Венецийы  Комиссийы ныффыст,  иуæрдонты къайад дам ма бахъыгдарут,  æфхæрæн у нæ нацийæн æмæ бæстæйæн, уый нæ рауайдзæн, – уый фæдыл  парламентон фылдæрты уæнг, Ираклий Заркуа  райхуъсын кодта.

Афтæма йæ  дзырдæй, зæгъгæ Венецийы  Комисси рекомендацитæн ницы аргъ ис æмæ сæ   ничи дæр сыххæст кæндзæн.

«Абон ахæм бон у, Венецийы  КОмиссийы  дæр не скритикæ кæндзынæн. Зæгъдзынæн, цæмæй  рæдыды  æфтыд сты. Фæнды мæ  Венецийы  Комиссийы эксперттæм баздæхын, ай у Гуырдзыстон, рагон   рæстдинон   паддзахад, йæ  традицитимæ, йæ уазæгуархондзинадæй, йæхи æгъдауæй кадгæнæн лæгтæн æмæ астытæн.  Уым  куы ныффыстат, афтæ  уæддæр саразут, цæмæй  дам æиуæрдонты къайад ма фæхъыгдарат, уы й нæрайсгæ у.   ам фылдæр комментари нал сараздзынæн.  Уый у æфхæрæн нæ нацийæн, нæ бæстæйæн æмæ уый нæ рауайдзæн, лæппутæ æмæ чызджытæ.  Афтæмæй,  цы рекомендаци нæм æрбафыстат,  нулы йас у  йæ  аргъ æмæ кæй зæгъын æй хъæуы, нæ йæ  сыххæст кæндзыстæм. Ныры онг куыд кодтам, æрвыстам уæм  алы  нысаниуæгджын

Закъонопроект æмæ уыцы рекомендацитæ  максималонæй нæ  зæрдыл дарттам, кæцы нæ  бæстæйы  æмæ адæмы  интерестæм æмбæлон у, фидæны дæр афтæ адарддæр кæндзыстæм. Ерын уæ нал скритикæ кæндзынæн, цы ныффыстат  рекомендацийы, уымæн йæ  аргъ у  нулы йас, кæй зæгъын æй хъæуы,  нæй æмæ никæд бонты  йæ  нæ райсдзыстæм», –  банысан кодта Заркуа.