Ираклий Къобахидзейы визит Азербайджаны Республикæмæ фæцис
Ираклий Къобахидзейы визит Азербайджаны Республикæмæ фæцис

Гуырдзыстоны премьер-министрæй хуынд  Ираклий Къобахидзейы визит Азербайджаны республикæмæ фæцис.

Визиты фæлгæтты Гуырдзыстоны хицауады сæрдар Азербайджаны республикæйы президент Ильхам Алиев æмæ премьер-министр Али Асадовимæ лæгæй-лæгмæ фембæлдтæ сарæзта.

Дыууæ бæстæйы премьер-министрты сæргълæудæй Гуырдзыстон-Азербайджаны экономикон æмкуыстдзинады æхсæнхицауадон комисы 10-æм рабадт сырæзт.

Ираклий Къобахидзе Азербайджаны президент æмæ премьер-министрæн хъарм æрбацыд æмæ уазæгуарзондзинады тыххæй бузныг расидтис æмæ бахахх кодта дыууæфарсон ахастыты размæцыды нысаниуæгдзинад.

«Ацы ахастытæ æмæ хæлардзинады дарддæры арфдæр кæнын махæн у иттæг ахсджиаг». Уымæн ис стратегион нысаниуæг куыд махæн, афтæ, уырны мæ, Азербайджанæн дæр. «Фæнды мæ ноджы иу хатт сæрмагондæй бузныг зæгъон президент Алиевæн Гуырдзыстон æмæ гуырдзиаг адæмæн йæ фарсылхæцындзинады тыххæй æмæ гуырдзиаг-азербайджайнаг æммахастыты фæарфдæр кæнынмæ бахаста хайбавæрды тыххæй» – расидтис премьер-министр.

Информаци Гуырдзыстоны хицауады администраци парахат кæны.