Ираклий Къобахидзейы фидиуæнæй, - ис цæттæдзинад, цæмæй бæрæг критериты бындурыл æрцæуа фадгуыты ногæй бахыгъд
Хицаугæнæг балы уæнг, Ираклий Къобахидзейы фидиуæнæй, зæгъгæ ис цæттæдзинад бæрæг критеритыл æнцойæ ногæй бахыгъд кæной æвзарæнон фадгуыты фæстиуджытæ.
Фæнысангонд комментарийæ Къобахидзе дзуапп ратта журналисты фарстæн æнæхицауадон организациты иуæймаг фидиуæны фæдыл, кæцыйы мидæг банысангонд у, цæмæй æвзарæнон фадгуыты аст проценты, хъæлæсты бахыгъды протоколты уыдис дисбаланс, кæцый тыххæй фадгуыты фæстиуджытæ ногæй бахыгъдкæнын домынц.
Къобахидзейы дзырдæй, зæгъгæ ис фадгуыты ногæй бахыгъд кæнынмæ цæттæдзинад æнæкæсгæ уымæ, цæмæй алы протоколыл къх бафыстой комисситы алы уæнгтæ, сæ нымæцы оппозици æрдгæй чи уыд уыдон дæр.
Афтæма Къобахидзе дзуапп ратта æнæхицауадон организациты фидиуæны уыцы хайæн дæр, кæцыйы мидæг дзырдæуы, цæмæй «Хицаугæнæг парти йæхи нæ баурæдта æмбæстæгты патриотон æнкъарæнтæй манипуляци кæнын æмæ æнхъæлцау, ацы нысанæн райдыдта а.х. картографты хъуыддаг, кæцы стыр æвæццæгæнадæй дыууæ æнаххос адæймаджы ахст расайдта» .
Ираклий Къобахидзейы фидиуæнæй, зæгъгæ Давит Гареджийы фарста тынг сенситивон æмæ нысаниуæгджын у, ацы хъуыддаг равзарын. Къобахидзе дзуры, цæмæй ацы хъуыддагæн æвзæрстытимæ ницы бастдзинад ис.
«Давит гареджийы фарстайы тыххæй куы зæгъæм, уæд ай у иттæг нысаниуæгджын, сенситивон фарста, кæцы баст у Гуырдзыстоны националон идентондзинадимæ, уый тыххæй дæр, ахсджиаг у цæмæй ацы хъуыддаг лæмбынæг ррагом уа. Цæ зæгъын æй хъæуы æвзæрстытимæ æмæ политикæимæ йын комкоммæ бастдзинад нæ уыдзæн» – банысан кодта Ираклий Къобахидзе.