Ираклий Къобахидзе – зноны трагеди стыр маст æрхаста æнæхъæн бæстæйæн, мæсæллæ сидын фæмардуæвджыты бинонтæн æмæ æппæт Гуырдзыстонæн
“Зноны трагеди стыр маст æрхаста æнæхъæн бæстæйæн. Мæсæллæ сидын мардгондты бинонтæн æмæ хæстæджытæн , æппæт Гуырдзыстонæн”-расидтис журналисттæн Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе.
Уымæй дарддæр ма премьер-министр бузныгы ныхæстæ загъта агурæн-ирвæзынгæнæн мадзæлтты архайæг æппæт куысджытæн.
“Фæнды мæ бузныг зæгъын алкæмæн дæр, кæцытæ архайдтой знон агурæн мадзæлтты — мидхъуыдтæгты министрады алы кусæгæн дæр, зынгхуыссынгæнджытæ æмæ ирвæзынгæнджытæн, мидхъуыдтæгты министрæн, афтæ ма муниципалон службæтæн. Уыдон сарæзтой алцыппæт, сæ бон цы уыд æмæ сын зæгъын бузныг” — расидтис Ираклий Къобахизе.