Ираклий Къобахидзе - уырны мæ, цæмæй тагъд рæстæг æрцæудзæн, кæд æмæ цæлхдур аиуварс уыдзæн æмæ гуырдзиæгтæ æмæ абхазтæ иумæ цæрдзысты иугонд æмæ æнæдихгæнæг гуырдзиаг паддзахады.
Не ‘ппæт дæр хъуамæ нæ зæрдыл дарæм, æнæ сабырадæй бæстæйы размæцыд нæй гæнæн. «Гуырдзиаг Бæллиццы» хицауад у иунæг хицауад хæдбардзинады сног кæныны фæстæ, кæцыйы рæстæджы Гуырдзыстоны хæст нæ уыд. Ныр дæр «Гуырдзиаг бæллиццы» уæлахиз у иунæг гаранти, цæмæй нæ бæстæ сабырдзинад æмæ рухс фидæн бахъахъхъæндзæн – уый фæдыл премьер-министр Ираклий Къобахидзе, «Гуырдзиаг Бæллиццы» æвзарæнон штабы, цæрджытæн расидтис Зугдиды.
Ираклий Къобахидзейы ныхасмæ гæсгæ, хицауады гуырдзиаг бæллиц у Гуырдзыстоны баиу кæнын.
«Зугдидийæ цалдæр километры дæрддзæф ис дихгæнæг хахх, кæцы нæ хицæн кæны нæ историон фарсæй – Абхазæй. Дихгæнæг хахх нæ хицæн кæны адæмæй, уыцы нымæцы нæ абхазаг хотæ æмæ æфсымæртæй, кæцытæ Энгурæй дарддæр цæрынц. Уырны мæ, цæмæй тагъд рæстæг æрцæудзæн, æппæт цæлхдуртæ дæр аиуварс уыдзысты æмæ гуырдзиæгтæ æмæ абхазтæ иумæ цæрдзысты иугонд æмæ æнæдихгæнæг гуырдзиаг паддзахады, иумæ сараздзыстæм Гуырдзыстонæн рухс фидæн æмæ иумæ суыдзыстæм европæйаг Цæдис. Уымæн ахсджиаг сты 26 октябры æвзæрстытæ. 26-æм октябры мах хъуамæ ноджы иу хатт иумæ слæууæм нæ бæстæйæн сабырад, намыс æмæ дидинæфтыд бахъахъхъæнынæн. 26 у нæ бон æмæ октябрь та нæ мæй! «Гуырдзиаг Бæллицц» æнæмæнгæй фæуæлахиз уыдзæн 26-æм октябры, фæуæлахиз уыдзæн гуырдзиаг адæм æмæ фæуæлахиз уыдзæн гуырдзиаг паддзахад!»- расидтис Ираклий Къобахидзе.