Ираклий Къобахидзе – Украинæгтæн сæ фарсмæ стæм,  сæ рыст нын сæрмагондæй рæхойы нæ зæрдæ махæн
Ираклий Къобахидзе – Украинæгтæн сæ фарсмæ стæм, сæ рыст нын сæрмагондæй рæхойы нæ зæрдæ махæн

Парти «Гуырдзиаг Бæллиццы»  сæрдар, Ираклий Къобахидзе  парламенты рабадтыл  ноджы иу  хатт райхъусын кодта украинаг  адæмæн солидарондзинады тыххæй.

Ираклий Къобахидзе куыд дзуры афтæмæй,   гуырдзыйæгты   æмæ украинæгтæн æхсæн ахастытæн рагон истори ис.

Кобахидзейы дзырдæй,  зæгъгæ Гуырдзыстон Украинайæн йæ  фарсмæ лæууы  æнæрмæст дзырдæй, фæлæ ма  хъуыддагæй дæр.

«Ноджы иу  хатт хъуамæ зæгъæм нæ солидарондзинады тыххæй нæ хæлар украинаг адæмæн.  Уынæм, цæмæй нæ  хæлар адæм  хæцы  хæдбардзинады тыххæй,  сæрибардзинады тыххæй æмæ  сын сæ фарсмæ лæууæм. Уынæм  куыд йæ зæрдæ риссы  гуыдзыйаг адæмæн  сæрибардзинады тохы  æмæ  ноджы иу хатт зæгъын хъæуы, цæмæй нæ  хæларадæн  ис  рагон истори, ис нын сæрмагонд эмоцион  бастдзинад украинæгтимæ æмæ уый тыххæй  дæр, сæ  рысты тыххæй  сæрмагондæй  рæхойы  мах дæр.  Расдæр  ацы æвдыст  у уый солидарондзинад, кæцы равдыста гуырдзыйаг адæм.  Нæ  æхсæнадæн  сæрмагонд  бузныг хъуамæ  зæгъæм ацы солидарондзинады  тыххæй.  Нæ  сæйраг бæрн  æм хæс у,  Украинайæн   йæ фарс рахæцын  алы æмвæзадыл – ныхасæй æмæ  хъуыддагæй дæр», –   райхъусын кодта Къобахидзе.