Ираклий Къобахидзе - Саломэ Зурабишвили лидер у, фæлæ нырид фæбæрæг ис, цæмæй сырæздзæн æвзæрстыты дыккаг тур
Ныридæгæн бæрæг у цæмæй сырæздзæн дыккаг тур – уый фæдвл Гуырдзыстоны парламенты сæрдар парти «Гуырдзиаг Бæллиццы» æххæстгæнæг нымæрдар, Ираклий Къобахидзе партийы офисы уагъд брифингыл райхъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ Саломэ Зурабишвили фæразæй ис, фæлæ ацы рæстæгы бæрæггæнæнтæй разындис, цæмæй дыккаг тур уыдзæн.
«ХЪæлæсты быхыгъды процесс цæуы. Махмæ æрбацæуы протоколы бæрæггæнæнтæ. Бахгъд сты 1000-ы онг фадыгы бæрæггæнæнтæ. Лидер у Саломэ Зурабишвили, кæцы фыццаг бынат ахсы. Рабæрæг ис, ацы этапыл бæрæг у цæмæй дыккаг тур сырæздзæн, кæцыйы хайад райсдзысты Саломэ Зурабишвили æмæ Григол Вашадзе. Уый у бæрæг 1000 фадыгы бæрæггæнæнтæй» – райхъусын кодта Ираклий Къобахидзе.
Парламенты сæрдары ныхæстæм гæсгæ, фæткдæттæг къорд дыккаг туры Саломэ Зурабишвилийы уæлахиздзинадæй ныфсджын у.
«СИдын алкæмæ, адарддæр кæнæт хъæлæсты бахыгъды процесс æмæ райдайæт æмбæлон процедурæтæ, цæмæй æвзарæнон процесс афтæ фæуа, куыд цыдис æнæхъæн боны дæргъы. Мах загътам цæмæй зæгъæн ис алы дыккаг æвзæрстгæнæг йæ фарс хæцы «Гуырдзиаг БÆллиццæн». Ацы цауы дæр афтæ уыдис, фæлæ нын цъус нал сфаг ис, цæмæй фыццаг туры фæуæлахиз уыдаиккам. Уымæ æмбæлгæйæ дæр абоны уавæр у ахæм, цæмæй æнæмæнгхъæугæ у дыккаг тур, фæлæ мах уæддæр дзырдтам цæмæй зæгъгæ уый гæнæн уыд æмæ уырнæг дæн дыккаг туры фæуæлахиз уыдзысстæм» – райхъусын кодта Ираклий Къобахидзе.
Гуырдзыстоны абон ацыдысты президентон æвзæрстытæ. Закъондæттынадмæ гæсгæйæ, президентон канидадтæн уæлахиздзинадæн хъæуы 50%+1 хъæлæс. Æвзæрстыл нымад æрцæудзæн Гуырдзыстоны президенттæм уыцы кандидат, кæцыйæн схъæлæс кодтой æвзæрстыты хайадисджыты æрдæгæй фылдæр. Æвзæрстыты хайадисджыты хъæлæсты нымæцы хаст не æрцæудзысты мæнгыл банымад бюллетенты хъæлæстæ.
Кæд æвзæрстыты фыццаг туры хъæлæсты хъæугæ нымцы иунæг кандидат дæр нæ райсдзæн уæд снысан уыдзæн дыккаг тур. Дыккаг туры æвзæрстгæнджытæ æвзарæн хъуамæ саразой фыццаг туры дыууæ сеппæтæй хуыздæр фæстиуæг кæмæн уыдис уыцы канидадтты æхсæн. Æвзæрстыты дыккаг туры снысан кæны Централон Æвзарæнон Камис æмбæлон барамындæй. Æвзæрстыты дыккаг тур уагъд цæуы фыццаг туры фæстиуджыты публикацийы рауадзынæй дыууæ къуырийы сæрыл. Дыккаг туры уæлахизгондыл нымад æрцæудзæн уыцы кандидат, кæцыдæриддæр æрымбырд кæндзæн фылдæр хъæлæстæ. Кæд æмæ Æвзæрстыты дыккаг туры канидадттæ æмбæрц хъæлæстæ æрымбырд кæной, уæд ацы цауы уæлахизгондыл нымад цæуы уыцы кандидат, кæцы сæ фыццаг туры æрымбырд кодта фылдæр хъæлæстæ.