Ираклий Къобахидзе – Саломе Зурабишвилийæн ныхас кæныны бар нæй, кæд  йæм ис факттытæ, уæд сæ хъуамæ бавдиса прокуратурæмæ, кæд æмæ мæ уырны, цæмæй йæм факттæ кæй нæй, уымæ гæсгæ прокуратурæмæ æрбацæуын йæ ныфс нæ бахæсдзæн
Ираклий Къобахидзе – Саломе Зурабишвилийæн ныхас кæныны бар нæй, кæд йæм ис факттытæ, уæд сæ хъуамæ бавдиса прокуратурæмæ, кæд æмæ мæ уырны, цæмæй йæм факттæ кæй нæй, уымæ гæсгæ прокуратурæмæ æрбацæуын йæ ныфс нæ бахæсдзæн

Прокуратурæйы сырæздзæн фæдæвзарæн, æмæ кæд искæмæ исты бæлвырдгæнæнтæ ис, уæд æй хъуамæ бавдисой профилон паддзахадон уагдæттæм, – уый фæдыл журналисттæн расидтис Гуырдзыстоны премьер-министр, Ираклий Къобахидзе.

Премьеры  ныхасмæ гæсгæ, уыдонæн сæ бон нæ уыд æргомæй исты бæлвырдгæнæнтæ бавдисын, ныр сæ бахъæудзæн прокуратурæмæ бацæуын æмæ бæлвырдгæнæнтæ бавдисын.

«Кæд æмæ нæ æрцæудзысты, уæд уый уыдзæн бæлвырдгæнæн, цæмæй æвзæрстыты фæдыл мæнг хъусынгæнинæгтæ сарæзтой. Саломэ Зурабишвилимæ баст ис иу цымыдисон деталь, ныхас цæуы йæ æрсидты тыххæй, ОБСЕ/ОДИР-ы хыгъдлæвæрдмæ гæсгæ, Саломе Зурабишвили карзæй фехæлдта æвзарæнон принциптæ. Гуырдзыстоны хицауиуæгады парламентон системæ ис, кæцыйы конституцимæ гæсгæ, президентæн йæ бон нæу партион бынат ахсын æмæ уый хъуамæ уа æнæпартион, ома йын нæй гæнæн баст уа æвзарæнон кампанийы кæцыфæнды партийы кæнæ партиты хæрзиуæгæн.

Саломэ Зурабишвили карзæй фехæлдта æвзарæнон принциптæ, кæцытæ æвдыст цæуынц ОБСЕ/ОДИР-ы хыгъдлæвæрды æмæ æвзарæнон делегитимацийы кампанийы сæргълæууæгæй æвæрд æрцыд Саломе Зурабишвили – адæймаг, кæцы йæхæдæг карзæй фехæлдта æвзарæнон принциптæ. Уымæн æмæ ахæм кампанийæн нæдæр аргъ уыдзæн æмæ нæдæр уаргъ. Уæ хорзæхæй, Саломэ Зурабишвили кæнæ æндæр исчи, кæд сæм исты бæлвырдгæнæнтæ ис, уæд сæ бадæттут прокуратурæмæ, æмбæлон уагдæттæм,  ма дзурут ахæм хъуыддагыл, кæцы  нæ æрцыд. Уый у сæ хæс.

Раст у, цæмæй Саломэ Зурабишвили удæй дæр æмæ зæрдæйæ дæр у «енджеошник», фæлæ йæ бынатмæ гæсгæ у паддзахадон политикон бæрнон. Æндæр æмæ æндæр хæстæ йыл ис. Исты тыххæй йæм факт куы уа, уæд уыцы факт хъуамæ бавдиса прокуратурæмæ, æмбæлон конституцион органмæ, фæлæ мæ уырны, уымæн æмæ йæм факттæ кæй нæй, уымæ гæсгæ йæ ныфс нæ бахæсдзæн прокуратурæмæ æрбацæуын æмæ нæй гæнæн ратта исты информаци прокуратурæйæн уыцы аххосæгтæм гæсгæ, кæцытыл ныхас кæны», – расидтис  премьер-министр.

Гуырдзыстоны прокуратурæ, Централон æвзарæнон къамисы апелляцийы бындурыл, парламентон æвзæрстыты æнхъæлмæкæсинаг сайды факты фæдыл фæдагуырд райдыдта. Саломэ Зурабишвили прокуратурæмæ рафарстмæ æрсидтысты æвзарæнон сайдимæ баст расидæнты тыххæй.