Ираклий Къобахидзе Роберта Меццолаимæ фембæлдис
Ираклий Къобахидзе Роберта Меццолаимæ фембæлдис

Гуырдзыстоны премьер-министр  Ираклий Къобахидзе  Брюсселы фембæлдтæ  дарддæр кæны.  Хицауады  сæрадр европарламенты президентРОберта Меццолаимæ фембæлдис.

Фарсытæ Евроцæдисы  уæнгсуæвыны фæндагыл, Гуырдзыстоны  прогресс схатдзæг кодтой, афтæма   афæлгæстой  Евроцæдисмæ  Гуырдзыстоны интеграци сифтонг кæнынæн  сæххæст æмæ  цæугæ  мадзæлттæ.

Премьер-министр Гуырдзыстонæн   кандидаты статус раттыны  нысаниуæгыл фæныхас крдта æмæ банысан кодта, цæмæй йæ  къухдариуæгæй  Гуырдзыстоны  хицауад  бæстæйы  евроцæдисы  уæнгсуæвыны   процессы   дарддæры  прогрессмæ  баххæссынæн куыст дарддæр  кæны.

Ираклий Къоахидзе  бахахх кодта Евроцæдисы  Гуырдзыстоны  уæнгсуæвыны  процессы   европарламенты  ролы æмæ йæ фарсхæцыны  нысаниуæг. Фарсытæ Гуырдзыстоны  æмæ европарламенты  æхсæн  уæвæг   æмгуыстады  динамикæйæн  аргъ скодтой  æмæ  партнерады  стынг кæнынмæ цæттæдзинад равдыстой.

Фембæлдыл Ираклий Къобахидзе  æмæ Роберта Меццола æркастысты регионы æмæ Дунейы   уæвæг  æдадсзинады  расидтытæ æмæ сæ  алыгы фæнадæгтыл фæуынафæ кодтой.   Акцент   арыхт уыд   оккупацигонд Гуырдзыстоны регионы уæвæг   уавæрыл.

Ираклий Къобахидзе  Европарламент преиздентæн Гуырдзыстоны  Европаг æмæ  евроатлантикон   тырнандты, афтæма  Гуырдзыстоны  суверенитеты æмæ  территорион  æнæхъæндзнады æнæцудгæ фархæцынæн бузныг загъта.

Информаци публикаци кæны  премьер-министры пресскуыст.