Ираклий Къобахидзе - парламентон фылдæртæ, «Уацхæссынады фæдыл» закъонмæ гæсгæ ветойы сæрты ахиздзысты
Парламентон фылдæртæ цæттæ кæнынц «Уацхæссынады фæдыл» закъоныл ветойы сæрты ахизынмæ – уый фæдыл фехъусын кодта парламенты сæрдар Ираклий Къобахидзе, фылдæртимæ фембæлды фæстæ.
«Мах райстам кæронбæттæн скуыддзаг уый фæдыл, цæмæй парламентон фылдæртæ ветойы сæрты ахиздзыстæм. Уыдис нын уынаффæ ветойы аргументтæм гæсгæ æмæ скуыддзаг дæр уый бындурыл райстам.
Ацы фарст сæрибар халæппæрстмæ хаст не æрцæудзæн, кæцыйæ бæрæг у уый цæмæй депутаттæ ветойы сæрты ахизынæн схъæлæс кæндзысты. Цух сты æрмæстдæр цалдæр депутаты» – расидтис Ираклий Къобахидзе.
Парламенты сæрдар бавдыста 4 депутаты, кæцытæ рацæудзысты æндæр хъуыдыйæ. Адон сты – Роман Какулиа, Леван Къоберидзе, Гиорги Осидзе æмæ Давит Чъичъинадзе. Афтæдæр дзырдæуы, цæмæй халæппæрсты хайад райсын нæ хъавы фылдæрты уæнг Нукри Кантариа.
Парламенты сæрдары ныхæстæм гæсгæ, фылдæртæ скуыддзаг райстой уыцы аргументтæм æмбæлгæйæ, кæцытæ сæ хъуыдымæ гæсгæ, Æхсæнадон Телеуынынады райтынгæн уыдзысты ахъаз.