Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе фембæлдзæнис Германийы Федералон канцлер Олаф Шольцимæ.
Олаф Шольц Ираклий Кобахидзейын сфысым кæндзæн Германийы Федералон канцелярийы цы ран ацæудзæн размæ рацыды официалон церемони.
Плангонд сты фембæлдтæ хицæн æмæ ауæрæхгонд форматты, цæй фæстæ дæр Иралкий Къобахидзе æмæ Олаф Шольц иумæйаг прессконференци ратдзысты.
Гуырдзыстоны премьер-министр официалон визитæй Германийы Федерацион Республикæмæ знон араст ис.
Официалон визиты фæлгæтты, Гуырдзыстоны хицауады сæрдар фембæлдзæн Германийы Федерацион Республикæйы президентимæ, Франк-Вальтер Штайнмайеримæ æмæ Германий Бундестагы президент Бербел Бассимæ.
Гуырдзыстоны делегацийы сконды, кæцыйæ къухдаиуæг кæны премьер-министр Ираклий Къобахидзе, сты вице-премьер, хъахъхъæнынады министр Ираклий Чиковани, фæсарæн хъуыддæгты министр Илиа Дарчиашвили æмæ хицауады администрацийы хистæр Леван Жоржолиани.