Ираклий Къобахидзе - ОБСЕ/ОДИР хаццæг бæлвырд кæны, цæмæй æвзæрстытæ æнтыстджынæй сырæзтысты
Ивгъуыд къуырийы дæргъы нæ оппозицийæн уыд тынг зын рæстæг, фыццаг уыд Евросоветы генералон нымæрдары визит Гуырдзыстонмæ, кæцы сын стыр цæф бакодта, куыд бæрæг уыд сæ фиппаинæгтæй, æмæ ма уымæ бафтыдта ОБСЕ/ОДИР хаццæг, кæцы реалонæй бæлвырд кæны, цæмæй Гуырдзыстоны парламентон æвзæрстытæ æнтыстджынæй сырæзтысты, – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе абоны пресс-конференцийыл расидтис.
Хицауады сæргълæууæг куыд банысан кодта афтæмæй, оппозици æмæ Саломэ Зурабишвилийæн ацы æвзæрстыты фæдыл уыд цалдæр сæйраг аххосаг, кæцытæ ОБСЕ/ОДИР-ы хыгъдлæвæрдæй бынтондæр æнæрастгонд æрцыдысты.
«Фыццаг аххосаг уыд æрбадæттæгты тыххæй, æмæ уый нæ уыд æвдыст куыд мидисджын фарста ОБСЕ/ОДИР-ы хыгъдлæвæрды. Æцæгæй та, районты 76 проценты ОБСЕ/ОДИР нæ рабæрæг кодта хъæлæсæппæрсты сусæгдзинады тыххæй ницы проблемæтæ. Иннæты та рабæрæг кодтой æрмæстдæр хицæн цаутæ. Фыццаг аххосаг, кæцы уыд хъæлæсæппæрсты сусæгдзинады тыххæй, бынтондæр æрцыд æрæппæрст. Æрцæуæггæгты хъæлæс кæныны тыххæй та, ацы фарст æппындæр нæ нымадтой актуалоныл ОБСЕ/ОДИР-ы æрдыгæй. Уымæ гæсгæ ацы хайы дæр сæ мæнг аххосæгтæ бынтондæр фесæфтысты. Æртыккаг – Карусель, хъуыды ма кæнут ацы фæдыл расидæнтæ, ахæм методтæй 300 000 хъæлæсы фальсифициргонд аххосаг, афтæ дæр хъуыды кæнут Саломе Зурабишвилийы фидиуæн, цæмæй уыцы иу æвзарæг растдæр 17 хатт схъæлæс кодта, æмæ ацы æрдгæй, аххосаг райдианæй ист æрцыд кæронмæ ахæццæ кæнын. ОБСЕ/ОДИ ацы фарст æппындæр актуалоныл нæ банымадта. Уый тыххæй æппындæр нæй фыст ОБСЕ/ОДИР-ы хыгъдлæвæрды. Уæрæсейы хъыгдард, уый та у ноджы иу мæнг аххос. Уый тыххæй ницы æвдисæн ис ОБСЕ/ОДИПР-ы хыгъдлæвæрды. Тыхмийы тыххæй та, тыхмийы тыххæй ныхас цæуы æрмæстдæр хицæн цауты. Уымæ гæсгæ, ацы æвзæрстыты фæдыл радикалон оппозицийы æрдыгæй æппæт аххосæгтæ æнæхъуаджы сты», – расидтис Ираклий Къобахидзе.