Ираклий Къобахидзе – Ногæй æвзæрстытыл ныхас нæй гæнæн, гуырдзиаг адæм сæ фæндон ирдæй равдыстой, нæ фæстиуджытæ æмæ дыккаг бынатыл уæвæг партийы æхсæн хицæндзинад бæрæггæнæн фондз хатт у
Ираклий Къобахидзе – Ногæй æвзæрстытыл ныхас нæй гæнæн, гуырдзиаг адæм сæ фæндон ирдæй равдыстой, нæ фæстиуджытæ æмæ дыккаг бынатыл уæвæг партийы æхсæн хицæндзинад бæрæггæнæн фондз хатт у

Нæй гæнæн ног æвзæрстытыл ныхас кæнын уыцы уавæрты, кæд æмæ гуырдзиаг адæм сæ фæндон иттæг ирдæй равдыстой, – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе журналисттæн расидтис.

Хицауады сæргълæууæджы ныхасмæ гæсгæ, æвзæрстыты хицаугæнæг командæйы фæстиуджыты æмæ дыккаг бынатыл уæвæг партийы фæстиуджыты æхсæн зæгъæн ис фондз хатты хицæндзинад ис, уымæ гæсгæ дæр ногæй равзæрсты фæдыл ныхас нæй гæнæн.

«Цавæр ногæй æвзæрстытыл ныхас кæнæм, кæд æмæ æвзæрстытæ абсолютонæй æмбæлонæй сырæзтысты æмæ гуырдзиаг адæм сæ фæндон иттæг ирдæй равдыстой». Мах ацы æвзæрстыты фæуæлахиз стæм тынг стыр хицæндзинадæй. Уымæ гæсгæ дæр, Евроцæдисы ахæм позици мæм диссаг нæ кæсы. «Кæй зæгъын æй хъæуы, ног æвзæрстытыл ныхас нæй уыцы уавæрты, кæд æмæ гуырдзиаг адæм сæ фæндон иттæг бæлвырдæй равдыстой», – банысан кодта премьер-министр.